БАРАГБОНЫ ХОРЗАХ УА УАД PDF Печать E-mail
17.11.12 09:08

     

Бǽрǽгбоны хорзах уǽ уǽд!

     ЗЫНАРГЪ ǼМБǼСТǼГТǼ!

     Ирыстонмǽ та фарны къах ǽрбавǽрдта нǽ адǽмы кадджындǽр бǽрǽгбон – Джеоргуыба. Стыр фарн ǽрхǽссы йǽ ъуырийи Уастырджи зǽхмǽ, адǽмǽн бирǽ хорздзинǽдтǽ ракǽны, цǽмǽй кǽрǽдзийы уарзой, ǽмзǽрдǽ ǽмǽ фǽллойхъом уой, уый сын бафǽдзǽхсы.

     Ацы бонты мах хынцǽм нǽ афǽдзы куысты бǽрǽггǽнǽнтǽ. Зǽрдǽ сǽ райы. Нǽ хоры сǽрǽй Уастырджимǽ скувдзыстǽм ǽмǽ дзы царды хǽрзтǽ курдзыстǽм. Ǽргом зǽдǽн йǽ аудындзинад ǽгǽр у.

     Бǽрǽгбон арфǽтǽй фидауы. Районы цǽрджытǽн нǽ зǽрдǽ зǽгъы амонд, ǽнǽниздзинад, фǽрныгад, сабырдзинад. Фǽллойхъом кǽй стǽм, уый руаджы ǽууǽндǽм нǽ фидǽныл. Ǽмǽ нын уыцы хъару макуы фесǽфǽд!

      Уастырджийы хорзǽх уǽ уǽд, зынаргъ ǽмбǽстǽгтǽ!

 

БАРАХЪТЫ Артур,

Алагиры районы сǽргълǽууǽг.

ХǼДАРЦАТЫ Руслан,

Алагиры районы администрацийы сǽргълǽууǽг.